Гаглойты Алан фембæлд Гергиты Валериимæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембæлд Уæрæсейы адæмон артист, Мариианаг театры разамонæг, дирижер Гергиты Валериимæ, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Мариинаг театры гастрольтæ Гергиты Валерийы къухдариуæгады бын цæуынц Дзæуджыхъæуы проект "Ведущие театры"-йы фæлгæтты.
Гергиты Валерийы фембæлд Гаглойты Аланимæ æмæ йын радзырдта концертон программæйы тыххæй.
"Мах арæх ралæууæм Америкæйы, Китайы, Европæйы, фæлæ ныр та хæдзары, Уæрæсейы, ис нын бирæ хъуыддæгтæ. Мæ зæрдæ райы, мах кæй фæфылдæр кодтам балеты æвзонг арститты æмæ музыкантты нымæц. Уыдон æвдисынц хорз фæстиуджытæ. Афтæ ма мах нæ хъус дарæм сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы цаутæм. Радзурут нын, куыд сты хабæрттæ Хуссар Ирыстоны", - загъта Гергиты Валерий.
Гаглойты Алан бузныг загъта Гергиты Валерийæн æрхуынды тыххæй.
"Фыццаджыдæр, мæ бузныг фæнды зæгъын æрхуынды тыххæй. Хуссар Ирыстоны адæм æмæ мæхи номæй мæ фæнды зæгъын бузныг уæ архайды тыххæй, фæнды мæ банысан кæнынц концерт, кæцы ауагътай Цхинвалы 2008 азы. Уымæн стыр аргъ кæнынц нæ адæм. Фидæн аз – хæстæй 15 азы фæстæ, хорз уаид, ногæй куы æрцæуиккат Хуссар Ирыстонмæ. Парламенты бæстыхай ныридæгæн у цалцæг æмæ уый уыдзæн символикон", - загъта Гаглойты Алан.
Уый фæстæ баныхас ацыд æхгæд форматы.
Гаглойты Алан ма бабæрæг кодта Вольфганг Амадей Моцарты оперæ "Волшебная флейта", кæцыйæ байгом сты Мариинаг театры гастрольтæ Дзæуджыхъæуы.