Хъороты Хъазбег йæ царды фæстаг бонтæм не ‘фсæст цардыл цин кæнынæй, æрмæст иунæгæй нæ, йæ адæмы царды фæндæгтæй-иу йæ зæрдæ куы барухс, уæд-иу къæхты бынæй ныуулæфыд æмæ та-иу загъта: - Куыд хорз у цард.
Уарзта цард, зарыд ног дуджы хæрзиуджытыл хъæрæй æмæ афтæ домдта иннæ фысджытæй дæр, цæмæй се ‘мдзæвгæтæй худа цард.
Хъазбег йæ сабион бонтæ Ерманы арвыста. Æвзонг лæппу федта 1918-1919 азыт æбуалгъы царды нывтæ, уæд байсæфтысты йæ мад æмæ йæ фыд. Баззад сидзæрæй Хъазбег, райста фыййауы лæдзæг, ссис æххуырст фыййау, къæбæр ссарыны сæрвæлтау.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Плиты Гацыры чиныг "Фæлтæртæ æмæ азтæм" гæсгæ.