Сырх Дзуар адарддæр кæндзæн йæ куыст Хуссар Иры 2023 азы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 дек – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад адарддæр кодтой Æхсæнадæмон Сырх Дзуары комитеты минæварады уæвынад республикæйы. Республикæйы министрты кабинет æмхъæлæсæй равдыста разыйы хъуыды хъæлæсæппæрсты руаджы.
Æхсæнадæмон Сырх Дзуары комитеты уæвынады æгъуыд адарддæр кæныны тыххæй доклад хицауады рабадты æрбавдыста фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Цхуырбаты Андрей. Раныхасмæ гæсгæ, Сырх Дзуары минæварады бюджет республикæйы 2023 азы фæфылдæр уыдзæн швейцайраг франкты 1,1 милуанæй 1,3 милуанмæ.
Æхсæнадæмон Сырх Дзуары комитет – гуманитарон организаци, кæцы архайы нейтралондзинад æмæ æнæхъулондзинады принципæй. Хуссар Ирыстоны кусы 2008 азæй.