Транскам сæхгæндзысты цыппæрæмы транспорты змæлдæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 дек — Sputnik. Транскавказаг автомагистралы змæлд цыппæрæмы райсомы 9 сахатыл урæд æрцæудзæн, радзырдтой Цæгат Ирыстоны УУМ прсесс-службæйы.

"Цыппæрæмы, 22 декабры ауаддзыстæм Уæлвæткон уавæрты автомобилон фæндæгтыл æдас æмæ æнæкъуылымпыйæ змæлдæй сифтонг кæныны Æппæтуæрæсейаг ахуыртæ, уый фæстиуæгæн транспорты змæлд Бурон æмæ Ручъы тоннелы Цæгаттаг порталы ᾿хсæн уыдзæн æхгæд 9.00 – 16.00 сахатмæ", - дзырдæуы хъусинаджы.

Транскавказаг магистраль цæуы уæлхохаг бынæтты æмæ у иунæг фæндаг, кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры.