Хуссар Иры паддзахадон резерв баххӕст кодтой материалон ресурстӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны столицӕйы майрӕмбоны цытджын уавӕры радтой материалон хӕзнатӕ республикӕйы паддзахадон резервӕн. Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан, Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов ӕмӕ УУМ сӕргълӕууӕг Гассеты Ибрагим.
Гаглойты Алан банысан кодта Уӕрӕсейы хайбавӕрд Хуссар Ирыстоны паддзахадон резервы арӕзтадмӕ.
"Абон мах уынӕм нӕ стратегион партнер Уӕрӕсейы радон ӕххуысы цӕвиттон. Мах зонӕм, цавӕр ӕххуыс кӕны уый нӕ республикӕйӕн: хъахъхъӕнынады министрады хаххыл, УУМ хаххыл, Уӕрӕсе нын ӕххуыс кӕны ӕмбӕлон техникӕйӕ. Уый фӕдыл мӕ фӕнды стыр бузныг зӕгъын Уӕрӕсейы къухдариуӕгадӕн, афтӕ ма Уӕрӕсейы минӕварӕн республикӕйы Марат Кулахметовӕн Хуссар Ирыстонӕн ӕххуыс ӕмӕ нӕ бӕстыты ӕхсӕн ӕмархайдмӕ хайбавӕрды тыххӕй", - загъта президент.
Хуссар Иры паддзахадон резерв баххӕст кодтой материалон ресурстӕй
Кулахметов йӕхирдыгӕй банысан кодта, паддзахадон резервӕн кӕй ис стратегион ахсджиагдзинад Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн.

"Арӕзтад цалдӕр азы дӕргъы кӕй цыд, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, гӕнӕн ис зӕгъын, куыстытӕ ӕнтыстджынӕй кӕй сӕххӕст кодтой. Уырны мӕ, ацы объект кӕй уыдзӕн республикӕйы ӕдасдзинады ахсджиаг элемент", - загъта минӕвар.

Хуссар Иры паддзахадон резерв баххӕст кодтой материалон ресурстӕй