Уӕрӕсейы сфидар кодтой скъолайы программӕ райдайӕн ӕфсӕддон цӕттӕкӕнынадимӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 дек — Sputnik. Уӕрӕсейы рухсады министр Сергей Кравцов сфидар кодта скъолайы ахуырады программӕ, кӕцымӕ бахастой райдайӕн ӕфсӕддон цӕттӕкӕнынад ОБЖ фӕлгӕтты ӕмӕ сӕрмагонд операцийы фӕдыл блок историйы уроктыл, барамынд мыхуыр ӕрцыд барадон информацийы порталы.
"Сфидар кӕнын астӕуккаг иумӕйаг ахуырады федералон ахуырадон программӕ", - дзырдӕуы барамынды тексты.
Афтӕ ма министрады снысан кодтой райдайӕн ӕмӕ сӕйраг иумӕйаг ахуырады программӕтӕ.
Рухсады министрад 2022 азы райста федералон сӕйраг иумӕйаг ахуырады программӕтӕ истори, дзыллӕзонад, литературӕ, ОБЖ ӕмӕ географийӕ. Скъолатӕ хъуамӕ рахизой иугонд ахуырадон программӕты реализацимӕ 2023 азы 1 сентябрӕй.