Гаглойты Алан бабæрæг кодта Донбассæй лигъдонты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 дек — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта Донецкæй лигъдонты, кæцытæ азы райдайæнæй фæстæмæ цæрынц Цхинвалы.
Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта хистæр кары адæм æмæ сывæллæттæн Ног аз æмæ Цыппырсы цытæн æмæ сын йæ цæст бауарзта сабырдзинад æмæ хæрзæбон.
"Уырны мæ, æввахс рæстæджы зындзинæдтæ кæй фæуыдзысты, æмæ сымах фембæлдзыстут уæ хиуæттимæ", - загъта Гаглойты Алан.
Гаглойты Алан бабæрæг кодта Донбассæй лигъдонты
Президент банысан кодта, ирон хæстонтæ Донбассы адæмимæ кæй хъахъхъæнынц нæ иумæйаг истори æмæ иумæйаг фидæн.
Гаглойты Аланы ныхæстæм гæсгæ, ирон адæм алыхатт дæр сты Донбассимæ, республикæйы къухдариуæгад та цæттæ у æххуыс кæнын лигъдонтæн.
Абоны бон Хуссар Ирыстоны ис 19 лигъдоны Донбассæй – уыдонæй 11 сты сывæллæттæ.
Светлана Логачева бузныг загъта президентæн хъусдард æмæ æххуысы тыххæй.
Гаглойты Алан радта сывæллæттæн дыргътæ, адджынтæ, хистæр кары адæмæн та бакодта финансон æххуыс.