Къуаиса æмæ Дзауы районы цæрджытæ банкъардтой дæлзæххон æнкъуыстытæ – Хуссар Ирыстоны УУМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны сбæлвырд кодтой сейсмикон активондзинад. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Хуссар Ирыстоны УУМ радгæсон хайадмæ хъусинæгтæ æрбацыд 12.55 сахатыл. Дæлзæххон æнкъуыстытæ сбæлвырд кодтой Къуаиса æмæ Дзауы районы.
Зæххæнкъуысты эпицентр уыд Гуырдзыстоны. Фехæлдты тыххæй нæ хъусын кæнынц.