Къуырийы оперативон уавæр: Хуссар Иры МХМ раргом кодтой фондз фыдракæнды

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны МХМ ныммыхуыр кодтой информаци республикæйы оперативон уавæры тыххæй. Æмбæлон фыст æрцыд уагдоны сайтыл.
19-26 декабры Хуссар Ирыстоны регистрацигонд æрцыд фондз фыдракæнды. Барадхъахъхъæнджытæ раргом кодтой къуырийы дæргъы цыдæриддæр фыдракæндтæ æрцыд, уыдон.
Фондз адæймагæй дзуапп æрдомдтой æхсæнадон фæтк халыны тыххæй.
Республикæйы фæндæгтыл ПАИ кусджытæ регистраци скодтой иу фæндагон-транспортон цау, афтæ ма фæндагон змæлды 205 фæткхалды.