ЦХИНВАЛ, 27 дек – Sputnik. Цхинвалы æнахъомты фæдыл инспектортæ бабæрæг кодтой Дудайты бинонты царды уавæртæ. Цæрынц тынуафæн фабрикæйы раздæры æмдзæрæдоны хатæнтæй иуы. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
Уагдоны куыд радзырдтой, афтæмæй æвзонг бинонтæн ацæугæ къуыри райгуырд чызг. Знон æрбаздæхтысты гуырæн хæдзарæй сывæллонæн æнæмбæлон уавæртæм.
"Сывæллоны ныййарджытæ нæ кусынц, нæй сын æнæивгæ ныффыст горæты, документттимæ проблемæты тыххæй сæ къухы нæ бафтыд сывæллоныл социалон фидддонтæ саразын, афтæ ма цæрæнуат райсынæн хыгъды слæууын", - радзырдтой МХМ.
Æнахъомты фæдыл фадыджы сæргълæууæг Гататы Лали куыд банысан кодта, афтæмæй бинонтæ цæрынц антисанитарон уавæрты, афтæ ма йæ ныхæстæм гæсгæ, сты социалон æгъдауæй тæссаг уавæры.
Гататы Лали фехъусын кодта бинонты уавæрты тыххæй æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ социалон райрæзты министрады æвджиды дæлхайадмæ. Инспекцийы сæргълæууæг цæттæ кæны фыстæджытæ æнахъомты фæдыл къамисмæ, прокуратурæмæ, сывæллæтты барты фæдыл президенты æххæстбарджын минæвармæ.