Цхинвалæй рацæуæны дысон æхсæв æрцыд ФТЦ. Хъыгдардбаййафæджы бакодтой рынчындонмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 дек — Sputnik. Цхинвалы районы ивгъуыд æхсæв æрцыд фæндагон-транспортон цау (ФТЦ), кæцыйы фæстиуæгæн иу адæймаг бахъыгдард.
Фæндагон цау æрцыд Ногхъæуы цур. Республикæйы УУМ фехъусын кодтой, уагдоны радгæсон хайадмæ хъусинаг кæй æрбацыд 00.06 сахатыл. ФТЦ цаумæ ацыд УУМ ирвæзынгæнджыты къорд.
"Lada Granta хæдтулгæйы шофыр нæ сырæхст скъæрын æмæ сæмбæлд фæндагон гæрæныл", - банысан кодтой уагдоны.
Цауы фсæтиуæгæн бахъыгдард шофыр – уый буары цæфтимæ бакодтой Республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ.
Цхинвалæй рацæуæны дысон æхсæв æрцыд ФТЦ