ЦХИНВАЛ, 28 дек – Sputnik. Цæгат Ирыстон у цæрджыты газификацийæ ифтонг кæнынæй лидæр. Уый тыххæй хъусын кæны Осетия-Ирыстон.
Вице-премьер Александр Новакæй арæзт газæй ифтонг кæныны фарсты фæдыл федералон штабы æппæтуæрæсейаг рабадты Цæгат Ирыстонæн саккаг кодтой æппæты уæлдæр нысанæй.
Газификацийæ ифтонг кæныны график æххæст æрцыд 100 процентыл. Газ уагъд æрцыд 1405 хæдзармæ. Ахæм фæстиуæг сын бантыст республикæйы æххæстгæнæн органтæ "Газпром межрегионгаз" æмæ "Газпром газораспределение Владикавказ"-ы æмдзырд куысты фæрцы.