ЦХИНВАЛ, 29 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстонмæ æрластой вакцинæ "Спутник Лайт"1000 дозæйы, хъусын кæны хицауады пресс-службæ.
Куыд банысан кодта республикæйы вице-премьер Джиоты Алан, хицауады сæрдар Джуссойты Константин бадзырдта УФ хицауады сæрдары хæдивæг Татьяна Голиковамæ, цæмæй COVID-19 профилактикæйы хъуыддаджы баххуыс кæна, æмæ уæд ацы хъуыддаг сырæзт. Коронавирусы ныхмæ тох кæныны æнæмæнгхъæуæг вакцинæ æрластой Хуссар Ирыстонмæ УУМ æххуысæй.
Вакцинæтæ æрластой температурон режимы æппæт æнæмæнгхъæуæг барфыстытимæ. Уаргъ райстой республикæйы бирæпрофилон медицинон центры, "æрфыстой сæ къух райсыны æмæ радæттыны документтыл æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон райрæзты министр Плиты Агуындæйы хайадистимæ", хъусын кæны Хуссар Ирыстоны хицауады пресс-релизы.