Гъе-мардзæ, исчи!

5. ÆНÆНХЪÆЛÆДЖЫ УАРЗТ

Sputnik
Долаты ацыды фæстæ Дзанг баззадис йæ сагъæстимæ. Йæ ног æмбал, сабыр, хæларзæрдæ лæг Грисæн æдзухæй дæр йæ кой, йæ мæт йе ’ххормаг сабитæ уыдысты æмæ йæ Дзанг ничердыгæй æндæвта. Агуындæйы хабар цадæггай ферох ис лæппуйæ. Фæлæ къуырийы бæрц рацыд æмæ та Агуындæ сæрвæтмæ фæзынди. Ацы хатт бынтон иунæгæй. Чызджы фенд æхсызгон куыннæ уыди лæппуйæн. Хъуыды кодта, зæгъгæ, чызг хæдзары иуран бадынæй фæлмæцы æмæ йæхи ра-ирхæфсы. Кæрæдзийæн салам куы радтой, уæд æй Дзанг бафарста:
— Де ссыды сæр æнæхъуадæы нæ уыдзæн. Исты хабар мыййаг?
— Дысон фын федтон, цыма дыл æфцæгæй дур ратылд æмæ нал бафынæй дæн, — гæзæмæ фæсырх чыздæы цæсгом.
Уыцы ныхас фæцагайдта лæппуйы зæрдæ, уалдзыгон мит хуры хъарммæ куыд атайы, афтæ атади.
— Бузныг, Агуындæ. Раст мæ цыма дурты зæйы бынæй фервæзын кодтай, уыйау æхсызгон мын у дæ ныхас, — фæкъæмдзæстыг лæппу.
— Мæ лæварыл мын, æвæццæгæн, нæ баввæрсыдтæ. Нæ сæ скодтай, — чызг лæппуйыл сæрæй къæхты бынмæ йæ цæст æрхаста.
— Уанцон нæу. Æнæкæрон стыр бузныг дæ лæварæй. Æрмæст, абон кæй фæзындзынæ, уый æнхъæл нæ уыдтæн, æмæ...
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.