Хуссар Иры ногазон бæрæгбонты рæстæджы æдасдзинад æххæст кæндзысты МХМ 500 кусджыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады ацыд рабадт, кæцыйы рæстæджы æрдзырдтой æхсæнадон фæтк хъахъхъæныны фарстытыл ногазон бæрæгбонты рæстæджы.
МХМ пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй майрæмбонæй сæрмагонд барамынды уагдоны кусджытæ рахиздзысты службæйы фæтыхджындæргонд режиммæ. Бæрæгбонты рæстæджы æхсæнадон фæткмæ сæ хъус дардзысты милицийы 500-йæ фылдæр кусæджы. Афтæ ма æрвыл суткæйы радгæс хæсдзысты уагдоны къухдариуæгад дæр, кæцытæ сæ кусджытимæ сæ хъус дардзысты æхсæнадон фæткмæ.
МХМ кусджытæ бæлвырд кæндзысты æхсыны цаутæ Ног азы æхсæвы, фæткхалджыты æрбаздахдзысты бæрнмæ.
Æхсæнадон фæтк хъахъхъæнынæн ахъаз уыдзæн "Æдас горæт"-ы системæ дæр, кæцыйы руаджы гæнæн ис уынын уавæр реалон рæстæджы режимы.