Гъе-мардзæ, исчи!

13. ЦÆРГÆСБАДÆН

Sputnik
Уæларвон цæрджытæ, афтæ хонынц адæм Цæргæсбадæны хъæубæсты. Æмæ, æцæгдæр, цыма зæххон дунейæ удуæлдай хъæбатыртæ уæларвмæ фæцæйбырстой, æрдæгфæндагыл бафæлладысты æмæ æдуæргътæ æрæнцадысты Кавказы хæхты рæхысы бæрзонддæр цъуппытæй сæ иу — Тызмæг хохы рæбын, уыйау айнæджы сынæгыл бабукъ сты хъæуы тъæпæнсæр хæдзæрттæ.
Хъæубæсты цæры æртæ мыггаджы: Санæгатæ, Цомайтæ æмæ Гæлуатæ. Æртæ мыггагæй алкæмæн дæр — йæхи мæсыг. Тых æмæ æхсары дуг уыд уæды рæстæг. Æхсарæн æхсар хъуыд, тыхæн — тых. Састы-иу чи баззад — бабын. Уый тыххæй алы мыггагæй дæр йе ’хсар, йæ ныфсы гæнах — йæ мыггаджы мæсыг. Мæсгуытæ сæ хъахъхъæдтой æнæнхъæлæджы фыдбылызтæй. Фыдбылыз та уæды заманы алы мыггагæн дæр, аууонау, йæ фæдыл зылди. Арæх-иу рауадысты мыггагон хъаугъатæ. Хъаугъа та-иу фылдæр зæххы сæрыл расайдта. Хатт-иу ныккалди туг. Туг та туг домдта. Туджджынтæ-иу, сæ фыдбылыз зонгæйæ, сæ мыггаджы мæсыгмæ сæхи байстой. Нæ-иу рахызтысты уырдыгæй, цалынмæ-иу мыггæгты дзырддзæугæ хистæртæ тугдомджыты не ’рсастой, туджджынтæ-иу туджы фиддон нæ бафыстой.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.