ЦХИНВАЛ, 9 янв — Sputnik, Гæбæраты Элина. Компани "Мегафон – Хуссар Ирыстон"-ы фехъусын кодтой базæйон пакетон тариф S кæй фæхуыздæр кодтой. Ацы тариф у иууыл популярондæр, пайда дзы кæнынц, абонентты фылдæр хай. Куыд банысан кодта компанийы æхсæнадимæ бастдзинады специалист Бежанты Зæhинæ, афтæмæй ацы тариф у иууыл хуыздæр сывæллæтты аудитори æмæ ацæргæ адæмæн.
"Мах дзæвгар фæхуыздæр кодтам архайгæ тариф "Стартон", "Максималон" æмæ "Цифрæйон"-ы æмæ нæ бон у фидарæй зæгъын, ныры рæстæджы ацы хахх кæй у æппæты хъæугæдæр нæ абоненттæн. Дæнцæгæн, активон абонентты ᾿хсæн иууыл популярон у тариф "Цифрæйон", - банысан кодта Бежанты Зæhинæ.
Эксперты ныхæстæм гæсгæ, 2023 азы фыццаг кварталы операторæн йæ нывæсты ис архайгæ тарифтæ фæхуыздæр кæнын, интернеты трафикы бæрцуат фæфылдæр кæнын, мидæггагон хызы минуттæн бонусты пакеттæ саразын æмæ бафтауын интернет-пакет, абонентон фиддон та ныууадзын куыд уыд, афтæ.
"Ныры рæстæджы компани архайы ног фиксацигонд хызæг самайыны масштабон проектыл, кæцы нæ абоненттæн фадат ратдзæн хæдзарон телон Интернет 2023 азы. Интернетмæ уæрæхтагон бахизыны фадат компани нырид дæтты юридикон организацитæн – республикæйы территорийыл паддзахадон органтæ æмæ коммерцион организацитæн", - баххæст кодта Бежанты Залина.