Хъахъхъæнынады министрады офицертæ фылдæр кæнынц профессионалон цæттæкæнынады æмвæзад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады офицертимæ уадзынц теоретикон ахуыртæ, цæмæй фæфылдæр кæной профессионалон цæттæкæнынады æмвæзад. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы хъахъхъæнынадон уагдоны пресс-службæ.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй лæмбынæгæй æркæсынц профессионалон архайды аспекттæм разысгарæн, тактикон, инженерон æмæ æндæр фадгуытæм.
"Æфсæддонты цæттæ кæнынц ахуырты зымæгон периоды хæстон цæттæкæнынады нывæстмæ гæсгæ РХИ Гарзджын тыхты Генералон штабы хистæры хæдивæджы къухдариуæгады бын", - дзырдæуы хъусинаджы.
Хъахъхъæнынады министрады бафтыдтой, зæгъгæ, ахуырты зымæгон периоды ма нывæндынц практикон ахуыртæ уагдоны полигоныл, сæ нымæцы хæстон æхстытимæ.