ЦХИНВАЛ, 10 янв – Sputnik. Цæгат Ирыстоны барадхъахъхъæнджытæ æрбаздахтой бæрнмæ Дзæуджыхъæуы цæрæджы социалон хызæгты криминалон царды пропагандæйы тыххæй.
"МХМ экстремизмы ныхмæ тохы Центры кусджытæ сбæлвырд кодтой, Дзæуджыхъæуы 41-аздзыд цæрæг социалон хызæгты кæй сæвæрдта къам тобæгонд æмæ, УФ Уæлдæр тæрхондоны скъуыддзагмæ гæсгæ, экстремистон змæлды атрибутикæимæ", - хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
Полици цы æрмæджытæ æрæмбырд кодта, уыдонмæ гæсгæ нæлгоймаджы банымадтой азымджыныл экстремистон архайды æмæ йæ фæивар кодтой.