Хуссар Иры ÆХМ радзырдтой хæдзары срæмыгъды фæстиуæгæн зианбаййæфджыты уавæры тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 янв — Sputnik. Цхинвалы хисæрмагонд хæдзары срæмыгъды фæстиуæгæн зианбаййафджыты арвыстой хос кæнынмæ фæсарæнтæм. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Плиты Агуындæ куыд хъусын кæны, афтæмæй мад æмæ дыууæ сывæллоны сты сыгъды центры.
Уый банысан кодта, 12 æмæ 13-аздзыд сывæллæтты бакодтой сывæллæтты рынчындоны реанимацион дæлхайадмæ уæззау уавæры. Плиты Агуындæ куыд банысан кодта, афтæмæй 12-аздзыд сывæллонæн алыг сты йæ фæсонтæ.
"Наркозы бын сарæзтæуыд хирургон операци. Термикон сыгъдты фæзуат у 18-19 проценты. Дыккаг сабийæн дæр ис термикон сыгъдтæ фыццаг æмæ дыккаг стадийыл, сæ фæзуат – 22 проценты. Йæ уавæр у астæуккаг уæззау" – загъта министр.
Сылйгомагæн басыгъд йæ цæсгом æмæ улæфæнтæ, афтæ ма йæ къухтæ æмæ къæхтæ, бафтыдта министр.
"Сыгъды фæзуат у 90 проценты. Сылгоймагæн ис травматикон шок, фæлæ йæ уавæр чысыл фæхуыздæр республикон рынчындоны реанимайион дæлхайады. Æнæмæнгхъæугæ мадзæлттæ иууылдæр æххæст цæнынц" – бафтыдта Плиты Агуындæ.