Хуссар Иры зынгсирвæзты бынаты ссардтой иу адæймаджы мæрдон буар

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) кусджытæ ссардтой зынгсирвæзты бынаты иу адæймаджы мæрдон буар.
Зынгсирвæзт æрцыд срæмыгъды фæстиуæгæн хисæрмагонд хæдзары микрорайон "Шанхай"-ы Хъуылаты Созырыхъойы уынгыл.
"Зынгсирвæзты фæстиуæгæн æртæ адæймаджы бакодтой Республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ" - фехъусын кодтой уагдоны пресс-службæйы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, дарддæр агурынц ноджы иу адæймаджы.
Зынгсирвæзты аххосæгтæ бæрæг кæнынц специалисттæ.