ЦХИНВАЛ, 11 янв – Sputnik. Цæгат Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ баурæдтой æвзонг адæймаджы, зæрдæхсайгæ уыди наркотикон буарад кæй парахат кæны, уый тыххæй, хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
Зæрдæхсайгæ адæймаг æрцыд Цæгат Ирыстоны территоримæ Ставрополы бæстæйæ, цæмæй наркотик "мефедрон" парахат кæна æвæрæнты руаджы.
"Оперативон бацагуырды мадзæлтты рæстæджы уголовон фæдагуырды кусджытæ баурæдтой Ставрополы бæстæйæ рацæуæджы æвæрæн куы арæзта, уæд", - дзырдæуы хъусинаджы.
Сæрмагонд басгæрсты рæстæджы полицæйæгтæ ссардтой 20 тыхтоны ссадæджы хуызы буарадимæ.
Ныры рæстæджы наркотикон буарад парахатгæнæг у ахст. Уагдоны бафтыдтой, кæй сцыран кодтой уголовон хъуыддаг, гæнæн ис æмæ йæ сбадын кæной ахæстоны 20 азмæ.