Хуссар Иры дарддæр агурынц хæдзары срæмыгъды рæстæджы сæфт адæймаджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 янв – Sputnik, Тъехты Дзерасса. Цыппæрæмы Хуссар Ирыстоны УУМ бавналдзæн Цхинвалы микрорайон "Шанхай"-ы срæмыгъды рæстæджы цы хæдзар ныппырх, уымæн йæ састæгтæ ласын.
"Пырхыты бын ссардæуыд иу адæймаджы буар. Дыккаджы не ссардтам. Абон ласдзыстæм хæдзары састæгтæ, афтæ ма дарддæр агурдзыстæм сæфт адæймаджы", - загътой УУМ.
Уæлвæткон цау æрцыдис æхсæвы дыццæгæй æртыццæгмæ. Микрорайон "Шанхай"-ы Хъуылаты уынджы цæрæджы хæдзары срæмыгъды фæстиуæгæн зиан баййæфтой æртæ адæймаджы. Баластой сæ РБМЦ алыхуызон къæпхæнты буары сыгъдтимæ. Уый фæстæ сæ арвыстой хос кæнынмæ Хуссар Ирыстонæй æдде.
Æртыццæджы ауагъдæуыд æмбырд зынгсивæрзтытæй æдасдзинады фарстытыл. Уæлвæткон уавæрты министр Гассеты Ибрагимы ныхæстæм гæсгæ, уæлвæткон уавæры аххосаг гæнæн ис æмæ уыд газы алæдæрст хæлд ифтонггарзæй. Бæлвырдæй аххоссаг нырма не сбæрæг.
Хуссар Иры зынгсирвæзты бынаты ссардтой иу адæймаджы мæрдон буар