Хуссар Иры æрурæдтой аккумулятортæ адавыны зæрдæхсайгæйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны æрурæдтой Цхинвалы районы 33-аздзыд цæрæджы, кæцымæ зæрдæ æхсайы уæзласæн хæдтулгæйæ дыууæ аккумуляторы адавынмæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"МХМ радгæсон хайадмæ бацыд куырдиат Цхинвалы 36-аздзыд цæрæгæй КАМАЗ хæдтулгæйæ дыууæ аккумуляторы адавыны фæдыл", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, материалон зианы суммæ рацыд 24 мин сомы.
Нæлгоймаг басаст йæ фыдракæндыл.