ЦХИНВАЛ, 16 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) сæргълæууæг Джиоты Æхсар президент Гаглойты Аланимæ фембæлды рæстæджы фехъусын кодта, уагдон кæй нывæнды рауæрæх кæнын куыст Уæрæсейы регионтимæ.
"Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон фарон аз бафыстой республикæйы социалон-экономикон райрæзты программæ 2022-2025 азтæм. Абоны бон куыст цæуы программæйы протоколыл, кæцы хауы бюджетон къабазмæ. Мах нывæндæм рауæрæх кæнын куыст Уæрæсейы регионтимæ. Уæрæсейаг фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад дæр ацы хъуыддаджы балæууыд нæ фарсмæ", - загъта Джиоты Æхсар.
Министр бафтыдта, зæгъгæ, æддагполитикон уагдон дарддæр дæр нывæнды æххуыс кæнын Хуссар Ирыстоны профилон министрадтæ æмæ уагдæттæн æрфидар кæнын контакттæ Уæрæсейы Федерациимæ.
Президентæн радзырдтой Хуссар Ирыстонæн хæларадон бæстæты æддагполитикон уагдæттимæ æмгуыстады фæдыл дæр.
Хуссар Ирыстоны президент фембæлд ФХМ сæргълæууæг Джиоты Æхсар æмæ республикæйы минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыримæ
© Пресс-служба президента РЮО
РХИ минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр банысан кодта, ивгъуыд азты коронавирусы пандемийы аххосæй изоляцийы уавæрты Хуссар Ирыстоны минæварад активон куыст кодта, цæмæй республикæмæ цæуой медикаменттæ æмæ тест-системæтæ.
"Ныр, ативон фазæмæ рахизгæйæ, мах нывæндæм уадзын куыст, сæйраджыдæр, Хуссар Ирыстоны экономикон райрæзты фадыджы. Приоритеты ма ис æрбаздахын инвестицитæ республикæмæ. Лæмбынæг нывæст ацы фарсты фæдыл ныридæгæн цæттæ у", - загъта минæвар.
Паддзахады сæргълæууæг загъта бузныг Джиоты Æхсар æмæ Гасситы Знауырæн активон куысты тыххæй æмæ баныфсæвæрдта, нывæстытæ иууылдæр æнтыстджынæй реализаци кæй æрцæудзысты.