Цхинвал–Ленингор трассæйыл сфæлдæхт хæдтулгæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 янв – Sputnik. Цхинвал–Ленингор фæндагыл знон изæр сфæлдæхт хæдтулгæ, уый фæстиуæгæн бахъыгдард транспортон фæрæзы шофыр.
Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй Цхинвалы 60-аздзыд цæрæг скъæрдта Toyota Alphard хæдтулгæйыл, нæ сырæхст скъæрын æмæ хæдтулгæ афæлдæхт.
Фæндагон цауы фæстиуæгæн бахъыгдард шофыр, уый бакодтой Республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, аварийы фæдыл уагъд цæуы басгæрст, Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ бæрæг кæнынц цауы æууæлтæ.
Цхинвал–Ленингор трассæйыл сфæлдæхт хæдтулгæ