Хуссар Иры МСНК сæргълæууæгæй снысан кодтой Тедеты Иналы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) сæргълæууæг Гæззаты Валерий бавдыста Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды (МСНК) кусджытæн ног командæгæнæджы – милицийы булкъон Тедеты Иналы. Уый размæ Тедеты Инал уыд сæрмагонд дæлхайады командæгæнæджы хæдивæг.
"МСНК раздæры сæргълæууæг Плиты Игоры ракодтой æхсæнадон æдасдзинады милицимæ", - дзырдæуы барадхъахъхъæнæг уагдоны хъусинаджы.
Гæззаты Валерий бузныг загъта службæйы тыххæй Плиты Игорæн, кæцы 11 азы дæргъы уыд къорды командæгæнæг.
Тедеты Инал 30 азæй фылдæр службæ кæны МСНК-йы. Йæ службæ уый райдыдта 1992 азы сæрмагонд дæлхайады кусæджы бынаты. 2003 азæй фæстæмæ – МСНК командæгæнæджы хæдивæг.
Хъайтардзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд уагдонон æмæ паддзахадон хорзæхтæй, сæ нымæцы Хуссар Ирыстоны бæрзонддæр æфсæддон хорзæх – "Уацамонгæ"-йы орденæй.
Хуссар Иры МСНК сæргълæууæгæй снысан кодтой Тедеты Иналы