Цæгат Иры цæуы конкурс "Азы ахуыргæнæг-2023"-ы муниципалон этап

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 янв – Sputnik. Дзæуджыхъæуы райдыдта конкурс "Азы ахуыргæнæг-2023"-ы муниципалон этап, хъусын кæны "15-æм Регион".
Мадзал бакодтой скъола №44. Æрæмбырдуæвджытæн арфæйы ныхæстæ загъта горæты ахуырадон фæткдаруаты къухдариуæггæнæг Батырты Аслан æмæ зæрдыл бадардта, 2023 аз кæй æрцыд нысангонд Уæрæсейы амонæг æмæ педагогы азыл.
Конкурсы хайад райсдзысты 35 ахуыргæнæджы. Дæс боны дæргъы уыдон цæудзысты конкурсон фæлварæнтæ. Уыдон ᾿хсæн гом уроктæ, къласон сахат, мастер-класс. Мадзалы æххæстгæнæн хайы хайадисджытæ хъуамæ ралæууой телеуынынады, куыд ахуырады фадыджы эксперттæ.
Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ рабæрæг кæндзысты уæлахиздзауы, кæцы ралæудзæн Дзæуджыхъæуы номæй конкурсы регионалон этапыл.