Уæрæсейаг курсанттæ цæуынц стажировкæ Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 янв – Sputnik. Уæрæсейы æфсæддон ахуыргæнæндæтты курсанттæ цæуынц стажировкæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы хъахъхъæнынадон уагдоны пресс-службæ.
Сæ нымæцы, Рязаны ахуыргæнæндоны курсанттæ цæуынц ахуыртæ Хъахъхъæнынады министрады дæлхайæдтæй иуы æфсæддонтимæ.
"Фыццаг этапыл курсанттæ-десантниктæ ахуырадон ротæйы æфсæддонтимæ ахуыр кæнынц артиллерион хæцæнгарзы материалон хай, сæ техникон-тактикон характеристикæтæ, солдатты архайд артиллерион дæлхайæдты сконды" – дзырдæуы хъусинаджы.
Нысангонд æрцыд, стыр хъусдард здæхт кæй у ахуыртæ уадзыны методикæйæн.