Æрымысинаг у Уырымты Петяйы ном. Уый уыдис ног дуджы зиууон, æвæллайгæ æхсæнадон æмæ литературон кусæг, зынгæ ирон советон поэт, прозаик, драматург, курдиатджын журналист.
Бæргæ ма абон дæр нæ фарсмæ куы уаид Уырымты Созырыхъойы фырт Петя, уæд йе сфæлдыстадон къæбиц ноджы хъæздыгдæр уаид, уæд йæхæдæг фылдæр фæдзырд- таид йæ адæмимæ, уæд фылдæр фæцин кодтаид Ирыстоны цин- дзинæдтыл. Фæлæ хъысмæт æгъатыр у, адзалы раз мадзал нал вæййы. Уый та ууыл дзурæг у - цард мæнгард у, куыд фæзæгъынц тæбæгъы дон. Петяйæн дæр йæ кæнинæгтæ баззадысты æрдæгыл. 1992 азы йын бантыст 60 азы банысан кæнын, стæй йæ иу афæдзы фæстæ æгъатыр мæлæт атыдта, цы адæмы уарзта, цы Фыдыбæстæйæн лæггад кодта, уыдонæй.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Плиты Гацыры чиныг "Фæлтæртæ æмæ азтæм" гæсгæ.