Цæгат Иры сараздзысты хæдзар-интернат карджын адæмæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 янв – Sputnik. Хæдзар-интернат карджын адæм æмæ инвалидтæн 150 бынатæн сараздзысты Дзæуджыхъæуы.
"Уый уыдзæн нырыккон хуызы хæдзар-интернат. Уавæртæ иууылдæр афтæ арæзт æрцæудзысты, цæмæй адæм сæхи хатой куыд хæдзары. Уый ифтонг уыдзæн алцæмæйдæр, уыдзæн дзы дохтырты персонал дæр", - уый тыххæй Ossetia News радзырдта фæллойад æмæ социалон райрæзты министр Айдарты Алина.
Арæзтады райдайæн нывæндынц 2024 азмæ. Ныридæгæн рахицæн кодтой зæххы фадыг, уый ис Реданты.