Хуссар Иры УУМ сапертæ скуынæг кодтой ссаргæ хæстæрмæджытæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) кусджытæ скуынæг кодтой Громы ссаргæ хæстæрмæджытæ, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
ВОГ-17 сармадзантæ ссарыны фæдыл хъусинаг æрбацыд цыппæрæмы 10:30 сахатыл.
Цауы бынатмæ ацыдысты министрады сапертæ. Уыдон райстой хæстæрмæджытæ æмæ сæ аластой скуынæг кæнынмæ.
УУМ сапертӕ сӕнӕзианхъом кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ Знауыры районы