Уары мит хæхты, уары. Ставд тъыфылтæй, æнæнымæц урс гæлæбутау, тæхынц æмæ тæхынц арвы хъæбысæй. Уынгты, хæдзæртты сæрты, кæрты — алы рæтты, зивæггæнгæ, æрбадынц æмæ уадид митын бæздæын, урс хъæццулыл сæ уд сисынц.
Уары мит. Арвы къусæдæы алцыдæр схæццæ, фесæфт. Ницыуал зыны, нал дæр арф уынгæг кæмттæ, нал дæр бæрзонд айнæг къæдзæхтæ, æмæ нал дæр гæмæх æфцдæытæ. Фесæфтысты миты хъæццулы бын æмæ та суангдæр уалдзæдæы фæудмæ фæхицæн æддаг дунейæ Цæргæсбадæны хъæу.
Уары мит. Тæккæ рудзынггæрон хъæдын сынтæдæы хуыссы Берд æмæ кæсы æддæмæ, мит куыд уары, æмæ ма хæрзæрæдæы дæр, йæ кæрты цы æхсынцъы зайы, уымæн йæ цæнгтæ цардæгас кæй уыдысты... Фæлæ ныр бынтондæр кæй азгъæлди йæ сыфтæр æмæ йæ бур дарæсы бæсты миты ставд хуылыдз тъыфылтæ кæй æруæз кодтой бæласы къалиутыл. Афтæ куы фæуара, уæд йæ сæртæг цæнгтæ æрцъæл уыдзысты.
Цæмæндæр æм йæ хъысмæт уыцы æхсынцъыйы бæласы хуызæн фæкаст. Уымæн дæр уыд уалдзæг, стæй æрбалæууыд сæрд, уый фæстæ фæззæг æмæ мæнæ ныр сæ дыууæ дæр февзæрдысты зымæдæы хъæбысы. Æмæ та æрцæудзæн уалдзæг, æхсынцъы ногæй рафтаудзæн сыфтæр, фæлæ Бердæн æрдзæй лæвæрд уыд æрмæстдæр иунæг уалдзæг, дыккаг нал æрцæудзæн.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.