"Царды гуылфæнтæм тырнæг" - Ахæмæй йæ зыдтой ирон чиныгкæсджытæ, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны интеллигенци поэт æмæ прозаик, зынгæ æхсæнадон кусæг æмæ тæлмацгæнæг Гæбулты Мелитоны.
Лæгæрста Мелитон царды гуылфæнмæ, цæмæй йæ адæмæн исты хæрзтæ сарæзтаид, исты хæрзты сын бацыдаид. Йæ уынд, йæ конд, йæ ацыд æмæ йе 'рбацыд, йе сныхас æмæ йæ мидбылты худт кæддæриддæр уыдысты зæрдæмæдзæугæ, зæрдæмæхъаргæ. Уыд æмгæртты уарзон, алы хъуыддаджы дæр уæздан, хæдæфсарм, хиуылхæцгæ. Æнæууылд, сæртæг ныхас дзы никуы фехъуыстаис.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Плиты Гацыры чиныг "Фæлтæртæ æмæ азтæм" гæсгæ.