ЦХИНВАЛ, 20 янв – Sputnik. Цæгат Ирыстоны "Кавказ" трассæйыл æрцыд фæндагон-транспортон цау (ФТЦ), кæцыйы фæстиуæгæн амардысты сыхаг республикæйы дыууæ цæрæджы. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Развæлгъау информацимæ гæсгæ, "Тойота" хæдтулгæйы шофыр скъæрдта Бруты хъæуæй Беслæны ‘рдæм æмæ сæмбæлд "МАН" хæдтулгæимæ, кæцы цыд йæ ныхмæ.
"ФТЦ фæстиуæгæн Тойота хæдтулгæйы шофыр фæмард бынаты, 2008 азы гуырд æнахъом пассажиркæйы бакодтой медицинон уагдонмæ, цы ран уый дæр фæмард буары цæфты фæстиуæгæн", - дзырдæуы хъусинаджы.
Ныртæккæ МХМ кусджытæ бæрæг кæнынц фæндагон-транспортон цауы аххосæгтæ.