Ацæугæ къуырийы авариты зиан баййæфтой æртæ адæймаджы – Хуссар Иры МХМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны МХМ фехъусын кодтой дыууæ регистрацигонд аварийы тыххæй 16-23 январы. ФТЦ фæтиуæгæн зиан баййæфтой æртæ адæймаджы.
Афтæ ма ПАИ кусджытæ рабæрæг кодтой фæндагон змæлды 140 фæткхалды.

"Дыууæ хæдтулгæйы шофырыл сарæзтæуыд административон протоколтæ автотранпорт нозтджынæй скъæрыны тыххæй", - фехъусын кодтой МХМ.

Уагдоны бафтыдтой, банысангонд периоды республикæйы территорийыл кæй рабæрæг кодтой æртæ фыдракæнды, уыдонæй мидхъуыддæгты органты кусджытæ раргом кодтой дыууæ. Алыхуызон фæткхæлдты тыххæй дзуапп æрдомдтой цалдæр адæймагæй, уыдоны ᾿хсæн иу æмбæстаджы – æхсæнадон фæткхæлды тыххæй.