Дзæуджыхъæуы мэрияйы кусæджы фæзылын кодтой стыр гæртам райсыны тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 янв — Sputnik. Цæгат Ирыстоны прокуратурæ сфидар кодта зылынгæнæн баконд уголовон хъуыддаг Дзæуджыхъæуы муниципалон уагдæттæй иуы директоры ныхмæ. Аххосджын æй кæнынц æхцайы фæрæзтæ бахардз кæныны хъуыддаджы. Уый тыххæй къуырисæры хъусын кæны республикæйы прокуратурæйы пресс-службæ.
Фæдагуырды версимæ гæсгæ, 2020 азы декабры зылынджын бадзырдта бынæттон администрацийы хæдуынаффæйы чиновникимæ, æмæ йе᾿ххуысы тыххæй райста 8,9 милуан сомы.
Афтæ ма зылынджын хи бакодта техникæ æмæ йæ хæйттæ цы ᾿хцайæ хъуамæ балхæдтаиккой, уыдон, стæй ма мæнг къухфыст сарæзта æхца арвитыны тыххæй, адавта дизелон æртаджы æртæ тоннæйы.
Уагдоны банысан кодтой, фæткхалдон архайды фæтиуæгæн, Дзæуджыхъæуы бынæттон хæдуынаффæ зиан баййæфта иумæйаг суммæ 3,5 милуан сомæй фылдæр.