Хуссар Иры УУМ фехъусын кодтой хус кæрдæджы ссыгъд аиуварс кæныны тыххæй Цхинвалы районы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 янв — Sputnik. Цхинвалы районы Ереды хъæуы районы ссыгъд хус кæрдæг, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Зынгсирвæзты фæдыл хъусинаг æрбацыд радгæсонтæм 11.58 сахатыл. Цауы бынатмæ ацыд зынгфæдисонты къорд.
Зынгфæдисонты арæхстджын архайды руаджы бантыст ахуыссын кæнын арт.