Цæгат Иры Алагиры районы къуылдымыл судзы хус кæрдæг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 янв – Sputnik. Цæгат Ирыстоны Алагиры районы хохы къуылдымыл Дæйыхъæуы цур судзы хусгæрдæг. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы УУМ пресс-службæ.
Зынгсивæрзты тыххæй хъусинаг æрбацыд радгæсонтæм 22 январы.

"Зынгсивæрзты бынæттæй иу 2000 квадратон метры фæзуатыл ахуыссын кодтам. Ныр ма дзы судзынц дыууæ бынаты Дæйыхъæу цур 900 кв.м. æмæ 1000 кв.м. фæзуат Мызуры хъæуы ᾿рдыгæй. Бацæунтæ сæм нæй", - дзырдæуы хъусинаджы.

Зынгсивæрзт ахуыссын кæнынмæ рацыд Уæрæсейы УУМ Цæгат Ирыстоны сæйраг фæткдаруаты аэромобилон къорд, конд у техникæйы 3 иуæг æмæ 30 адæймагæй.