Цхинвалы кæроны æдзæрæг хæдзары МСНК сапертæ ссардтой хæстæрмæджытæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды инженерон-техникон дæлхайады кусджытæ ссардтой Цхинвалы хуссайраг кæроны æдзæрæг хæдзæрттæй иуы хæстæрмæджытæ.
МХМ пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй радгæсон хайадмæ æрбацыд хъусинаг, Цхинвалы районы Гудзабары хъæуы æдзæрæг хæдзары кæй ссардæуыд хæстæрмæджытæ.
Специалисттæ ссардтой 104 нæмыджы автомат æмæ пулеметæй.