ЦХИНВАЛ, 25 янв — Sputnik. Россотрудничествойы минæварад Хуссар Ирыстоны радта цыппар мины чиныджы лæварæй республикæйы Минкультурæйæн.
"Русский дом"-ы къухдариуæггæнæг Хуссар Ирыстоны Сергей Скворцовы ныхæстæм гæсгæ чингуытæ лæвæрд æрцыдысты æнæаргъæй уæрæсейаг программæ "Развитие образования"-йы арæнæвæрды.
"Чингуыты фылдæр хай у аивадон литературæ, фæлæ дзы ис ахуырадон материалтæ дæр. Мах дæттæм ацы чингуытæ æххæстæй уæ барлæвæрдмæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, сымах сæ аккагæй пайда кæндзыстут", - загъта уый.
Куыд банысан кодта культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульетта, "Русский дом" фыццаг хатт не ᾿ххуыс кæны библиотекæйы фонд баххæст кæнын. Культурæйы министрады минæвæрттæ фехъусын кодтой, чингуытæ кæй байуардзысты столицæйы æмæ районы библиотекæты ᾿хсæн.
"Мæнмæ гæсгæ чингуытæ ссардзысты сæхицæн аккаг æмæ уæздан чиныгкæсæджы", - бахахх кодта Дзеранты Джульетта.