Дзæуджыхъæуы МХМ фæдагурæг домдта 350 мин сом ФТЦ аххосджынæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 янв – Sputnik. Дзæуджыхъæуы МХМ фæдагурæг домдта гæртам 350 мин сомы ФТЦ аххосджынæй, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны Уæрæсейы ФК фæдагуырдон фæткдаруаты пресс-службæ.

"МХМ кусæг ФТЦ аххосджынимæ ныхасы рæстæджы æрдомдта гæртам 350 мин сомы, цæмæй уый рахæсса уынаффæ уголовон хъуыддаг ма сцырын кæныны фæдыл", - дзырдæуы хъусинаджы.

Аварийы аххосджын скъуырдта сылгоймаджы, кæцы бахаудта рынчындонмæ. Цæрдудæй баззад, фæлæ райста алыхуызон травмæтæ.
Фæдагурæн бартхъирæн кодта ФТЦ аххосджынмæ, гæртам куы нæ радта, уæд йыл уголовон хъуыддаг бакæндзысты. Нæлгоймаг æфсоны разыйы дзуапп радта, фæлæ æрсидт барадхъахъхъæнæг органтæм.
Республикæйы ФÆС баурæдтой фæдагурæджы, гæртам куы иста, уæд.