Дзæуджыхъæуы цалдæр уынгыл сцалцæг кодтой донифтонгад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 янв - Sputnik. Дзæуджыхъæуы уынгтыл донфитонгад цалцæг кодтой, фехъусын кодтой горæты администрацийы пресс-службæйы.
"Специалисттæ аиуварс кодтой фехæлд, æмæ ныр тæвд æмæ уазал дон райдыдта цæуын хæдзæрттæм", - фехъусын кодтой пресс-службæйы.
Доны хæтæлыл егъау авари æрцыд æртыццæджы райсомæй Хъесаты Астаны, Уаздзыгон æмæ Дзæуджыхъæуккаг уынгтыл. Цæгат Ирыстоны прокуратурæ райста йæ цæстдарды бынмæ донифтонгады цалцæг.