Гаглойты Алан бабæрæг кодта медико-социалон центр

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 янв — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта медико-социалон центр "Забота". Паддзахады сæргълæууæгимæ уыд æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ социалон райрæзты министр Плиты Агуындæ.
Уазджытыл сæмбæлд центры директор Теблойты Чермен æмæ сын радзырдта уагдоны цæрджыты уавæрты тыххæй.
"Ныртæккæ ам цæры 19 адæймаджы, уыдонæй бынаты сты 18. Уыдонæй – æртæйæ сты къаласкæты æмæ ноджы уыййас та сты хуысгæ рынчынтæ. Цхинвалы фæстаг дзуттæг Рибка Джинджихашвили дæр ныр цæры ам", - банысан кодта Теблойты Чермен.
Уый бафтыдта, зæгъгæ, фæстаг рæстæджы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы горæттæй волонтертæ æрцæуынц медико-социалон центрмæ концерттæ æмæ лæвæрттимæ. Афтæ ма уый радзырдта, центрæн кæй ис йæхи хæдзарад дæр, цы ран сын ис хæдзарон фос, афтæ ма дыргъдон дæр.
Гаглойты Алан бабæрæг кодта медико-социалон центр
Гаглойты Аланæн фенын кодтой хæдзарадон бæстыхæйттæ, афтæ ма центры инфраструктурæ.
"Мах федтам, куыд хорз уавæртæ ис центры, æмæ куыд хорз ахаст дарынц цæрджытæм. Уынæм, кусджытæ сæ тыхтæ кæй дæттынц хорз уавæртæ саразынмæ. Фæнды мæ бузныг зæгъын уагдоны æппæт кусджытæн сæ хорз ахасты тыххæй бæстыхаймæ æмæ уагдоны цæрджытæм", - загъта президент.
Алан Гаглоев в Медико-социальном центре
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Плиты Агуындæ банысан кодта, уый размæ сæм кæй уыд хъæппæрис центры хицæн агъуысты бакæнын наркологи æмæ психиатрийы центр, фæлæ ацы фарсты фæдыл скъуыддзаг нырма нæй.
"Центры вæййы 19-22 цæрæджы. Цæрыны уавæртæ сты рæстæмбис. Уагдоны кусджыты нымæц у 23 адæймаджы, бюджет та 12 милуан 554 мин сомы, уыдонæй 8 милуан сомы – куыстмыздты фонд", - загъта Плиты Агуындæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, медикон-социалон центрæн ис æнæбюджетон фæрæзтæ дæр, кæцытæй пайда кæнынц эффективон æгъдауæй.
Президент та бафтыдта, зæгъгæ, куыст цæудзæн механизмтыл, цæмæй æнæбюджетон фондтæй раст пайда кæной.
Республикæйы къухдариуæгадæй медико-социалон центр райста мигæнæнтæ æхсæн машинæ æмæ телевизортæ.
Гаглойты Алан бабæрæг кодта медико-социалон центр