Хуссар Иры минæварады кусджытæ ссардтой блокадон Ленинграды хъахъхъæнджыты рухс нæмттæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæварад Уæрæсейы майрæмбоны хайад райста церемонийы, кæцы нывонд уыд Ленинград фашистон блокадæйæ ссæрибар кæныны 79-æм афæдзыбонæн.
"Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы номæй сæвæрдтам дидинтæ Мад-Райгуырæн бæстæ монументмæ Пискареваг мемориалон уæлмæрды æмæ мысæн гранитон плитæмæ, кæцы бакодтой блокадон Лениграды Ирыстонæй рацæугæ хъахъхъæнджыты цытæн", - дзырдæуы хъусинаджы.
Дидинтæ сæвæрыны церемонийы хайад райстой Санкт-петербурджы губернатор Александр Беглов, Федерацийы Советы спикер Валентина Матвиенко æмæ Уæрæсейы хицауады уæнгтæ, афтæ ма хуссарирыстойнаг курсанттæ Михайловскы æфсæддон артиллерион академийæ, æфсады инæлар Хрулевы номыл материалон-техникон ифтонгады фæдыл Æфсæддон академийæ æмæ Санкт-Петербурджы Ирон æхсæнады минæвæрттæ.