Транскамы ФТЦ фæстиуæгæн бахъыгдард сты дыууæ адæймаджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 янв - Sputnik. Транскамы аварийы фæстиуæгæн бахъыгдард сты дыууæ адæймаджы, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны УУМ пресс-службæ.
Транскавказаг автомагистралы 49-æм километрыл цыппæрæмы сæмбæлдысты дыууæ рог хæдтулгæйы "Рено" æмæ "Тойота".
"Аварийы фæстиуæгæн бахъыгдард сты дыууæ адæймаджы - "Тойота"-йы шофыр æмæ пассажир, кæцыты райстой хæдтулгæйæ ирвæзынгæнджытæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, зианбаййафджыты бакодтой Республикон клиникон рынчындонмæ.