Цхинвалы бирæфатерон хæдзары газæй фæхъæстæ сты сылгоймаг æмæ сывæллон

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы бирæфатерон хæдзæрттæй иуы цардуагон газы ахъуызыды фæстиуæгæн фæхъæстæ сты сылгоймаг æмæ сывæллон.
Республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй цау æрцыд цыппæрæмы Джиоты Аланы проспектыл, 130-æм хæдзары.
Цауы бынатмæ æрцыдысты газы службæйы кусджытæ æмæ УУМ ирвæзынгæнджытæ, уыдон сбæрæг кодтой, фæхъæстæйы аххосаг кæй уыд газы ахъуызыд.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, зианбаййафджыты бакодтой Республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ. Сæ цæрдтæн ницы тас ис.