Хуссар Иры æрцыд æртæ ФТЦ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 янв — Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Къуырисæры райсом Хуссар Ирыстоны æрцыд æртæ фæндагон-транспортон цау (ФТЦ). Уый тыххæй Sputnik радзырдтой республикæйы МХМ пресс-службæйы.

"ФТЦ æрцыд Тасойты Инал æмæ Хъайтарты уынгты алвæндагыл. Кæрæдзийыл сæмбæлдысты дыууæ хæдтулгæйы - Subaru Forester и Nissan X-Trail. Аварийы фæстиуæгæн 10-аздзыд сывæллоны бакодтой РБМЦ-мæ, басгæрстой йæ æмæ ауагътой хæдзармæ", - загътой уагдоны.

Дыууæ хæдтугæйы хайадистæй авари æрцыд Харебаты Исахъы æмæ Островскийы уынгты алвæндагыл. Зианбаййафджыты тыххæй нæ фехъусын кодтой.
Уый йеддæмæ ма ноджы иу ФТЦ цыппар автомобилы хайадистæй - Toyota Hilux, Lexus GX, LADA Kalina æмæ ВАЗ-2114 - æрцыд Цхинвал - Знауыр трассæйыл. Куыд банысан кодтой МХМ, афтæмæй ацы аварийы зианбаййафджытæ нæй.
Уагдоны специалисттæ бæрæг кæнынц ФТЦ æууæлтæ.