Уæрæсейаг æфсæдтæ размæ цæуынц Угледары

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 янв — Sputnik. Донецкаг адæмон республикæйы (ДАР) сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Денис Пушилин фехъусын кодта, уæрæсейаг гарзджын тыхтæ дарддæр размæ цæуынц Угледары. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон ныридæгæн æрфидар сты горæты скæсæйнаг хайыл.
"Угледары здæхтыл нæ дæлхайæдтæ дарддæр размæ цæуынц. Ныртæккæ гæнæн ис зæгъын, дæлхайæдтæ кæй æрфидар сты Угледары скæсæйнаг хайыл", - загъта Пушилин телеканал "Россия 24"-йы эфиры.
Афтæ ма уый бахахх кодта, æфсæдтæ размæ кæй цæуынц горæты алфæмбылайы дæр.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты. УФ презимдент Владимир Путин куыд бахахх кодта йæ нысан у "аст азы дæргъы кæй æфхæрдтой, геноцидæй удхарæй кæй мардтой, уыцы адæмы бахъахъхъæнын".