ЦХИНВАЛ, 31 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны æфсæддон службæгæнджытæ дарддæр дæр хуыздæр кæнынц сæ дæсныйад уæрæсейаг специалистты къухдариуæгады бын. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
Æфсæддонтæ цæуынц ахуыртæ æхстон цæттæдзинадæй: æхсын лæугæйæ, хуысгæйæ, уæрагæй.
"Æхстытæй цæттæ кæныны ахуыртæ райдыдтой тохмæ хæцæнгарз бацæттæ кæнынæй – алы æфсæддон дæр хъуамæ максималонæй басгара йæ хæцæнгарз дарддæры тохы тыххæй æппæты дистанцимæ дæр хæстон æрмæджы тактикон-техникон характеристикæтæм гæсгæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Банысангонд цæуы, ахуырты размæ æфсæддонтæ кæй рацæуынц теоретикон бацæттæдзинад.
Рязаны гвардейаг уæлдæр уæлдæфон-десантон командон ахуыргæнæндоны ахуыргæнджытæ æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ хъахъхъæнынадон уагдæтты æфсæддон æмгуыстады Нывæсты реализацийы фæлгæтты.